Монополитæ аразджытимæ тох

Ахæм бæрæггæнæнтæ фехъусын кодта монополиты ныхмæ службæйы цæгат-ирыстойнаг управленийы разамонæг Плиты Роман. Ивгъуыд азы бæрæггæнæнтыл дзургæйæ, милуан сомæй фылдæр сси, закъонхалджытæй цы ивар бадомдтой, уый. Бæлвырд ма кодтой, быцæуархайд æмæ рекламæйы закъон куыд æххæст кæнынц. Управленийы разамонæджы ныхæстæм гæсгæ, ивгъуыд азы 4-æм кварталы рекламæйы закъон чи нæ сæххæст кодта, уыдоны фæивар кодтой 100 мин сомæй. Иунæг муниципалон куыстуат «Дигорская сетевая компания» бафыста 200 мин сомы, информаци кæй рахъæр кодта, уый тыххæй. Плиты Роман ма радзырдта, монополиты ныхмæ закъонæвæрды цы ивддзинæдтæ æрцыд, уый дæр.
«Закъон аивта æмæ ивгъуыд 2 азы закъонхалджытæ карз æфхæрд нал баййафынц. Амалхъом адæммæ æмæ æндæр организацитæм цæстдарды домæнтæ дæр æндæрхуызон сты. Æмæ сын уый фенцондæр кодта сæ уаргъ. Мæ хъуыдымæ гæсгæ, закъоны домæнтæ æргом æмæ æххæстæй фыст куы вæййынц, адæм сæ куы фæзонынц, уæд алчидæр архайы, цæмæй сæ ма хала. Афтæмæй алыхуызон закъонхæлдтытæ къаддæр кæнынц, амалхъом адæймаг та зоны, цы æмæ йын куыд кæнгæ у, уый. Йæ бон у парахатдæр кæнын æмæ фылдæр адæмы кусынмæ райсын», — монополиты ныхмæ службæйы цæгатирыстойнаг управленийы разамонæг Плиты Роман загъта.